Национ чиныгдоны скодтой республикон æркасты хатдзæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Республикон æркаст «Мадæлон æвзаг-мадау адджын»-ы хатдзæгтæ абон скодтой национ чиныгдоны. Арæзт æрцыд 4-æм хатт. Нæ республикæйы алы районтæй сывæллæттæ æркасты уагæвæрдмæ гæсгæ ныффыстой сæрибар темæйыл бацæттæ кæнын сфæлдыстадон уацмыс. Куыд поэзи, афтæ прозæ дæр. Сæ куыстытæн сын аргъ скодтой фысджыты цæдисы уæнгтæ, нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы минæвæрттæ æмæ фæсивæдон парламенты уæнгтæ. Архайджыты адих кодтой 3 къордыл: 5-7 кълæсты, 8-9 æмæ 10-11 кълæсты ахуырдзаутæ. Æркасты аразджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм æркастыты руаджы сабиты курдиат æргом кæны. Æдæппæтæй æркасты се ’сфæлдыстадон курдиат равдыстой 30 архайæджы. Азæй-азмæ сæ нымæц фылдæр кæны. Æркаст арæзт цæуы нæ республикæйы фæсивæдон парламенты хъæппæрисæй, ахуырад æмæ наукæйы министрад, фысджыты цæдис æмæ мыхуыры комитеты æххуысæй. Йæ сæйраг хæс у ирон æвзаг æрыгон фæлтæры 'хсæн парахат кæнын. Конкурсы аразджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæлдай æхсызон уый у, æмæ иннæ азты чи архайдта, уыдонæй бирæтæ ацы аз дæр сфæнд кодтой бацархайын. Хуыздæрты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уыимæ ма, хуыздæр уацмыстæ ныммуыхыр кæндзысты республикон, стæй районты газеттæ æмæ журналты. Фæбæрæг кæндзыстæм ма уый, æмæ ацы аз æркаст сбастой Хетæгкаты Къостайы юбилеимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Национ чиныгдоны скодтой республикон æркасты хатдзæгтæ

Категория:

Новости и СМИ