Æрыгон специалист Зассеты Сослан кусын райдыдта Тарскæйы амбулаторийы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Тарскæйы хъæуы цæрджыты дæндаджы рыстимæ Дзæуджыхъæумæ цæуын нал хъæуы. Стоматологы лæггæдтæ райсæн ис бынæттон амбулаторийы. Æрыгон специалист Зассеты Сослан бацархайдта программæ «Земский доктор»-ы æмæ йæ хорз бæрæггæнтимæ ист ӕрцыд дохтырӕй. Афтæмæй чысыл пациентты тас фæцыдæр вæййы. Сæйрагдæр у сабийы хиуыл баууæндын кӕнын. Уæд, дохтырмæ цæугæйæ, сывæллæттæ ныфсхастдæр уыдзысты. Стоматолог Зассеты Сослан фæсивæды зæрдæтæм фæндаг уайтагъд ссары. Тæрскæйы амбулаторийы Зассеты Сослан кусын райдыдта ацы аз августы. Æнтыстджынæй ахызт «Земский доктор», зæгъгæ, программæйы къæпхæнтæ. Уый æхсызгон уыд куыд амбулаторийы кусджытæн, афтæ хъæуы цæрджытæн дæр. Тарскæйы стоматолог фæстаг 5 азы уӕвгӕ дӕр нæ уыд. Ног специалистыл медицинон кусæндоны зӕрдиагӕй бацин кодтой. Аргъ ын скодтой йæ дæсныдзинадæн. Зæрдæхæлар æмæ рæстуд адæймаг. Хорз дохтыр. Медицинон академийы æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ординатурæйы рауагъдон Зассеты Сослан ма кусы уæлдæр ахуыргæнæндоны медицинон хайады кафедрæйы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ бынаты кусын у зын, фæлæ цымыдисаг. Программæ «Земский доктор»-ы архайды руаджы æрмæст æхца нæ райста, фæлæ ма фæхъæздыгдæр кодта йæ зонынзинæдтæ дæр. Программæ «Земский доктор»-ы фæткмæ гæсгæ хъуамӕ дохтыр хъæуы бакуса фондз азы. Æхцайы фæрæзтæ та райсдзæн милуан сомы бæрц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv