Хетæгкаты Къостайы музей-хæдзары ацыдысты дæсныйад æвдисæн ахуыртæ
Абон Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музейы зындгонд нывгæнæг Бигъанаты Зæринæ амыдта йæ дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Æрыдоны сывæллæтты аивадон скъолайы ахуырдзаутæ. Бигъанаты Зæринæйæн йе ’сфæлдыстадон арæнтæ сты уæрæх. Кæны хуызджын нывтæ. Цæуыл кусы - уый зæрдиагæй. Абон ахуырдзаутæн уыд Бигъанаты Зæринæйы сфæлдыстадимæ хæстæгдæр базонгæ уæвыны фадат. Рæзгæ фæлтæрæн райхæлдта йæ аивады сусæгдзинæдтæ. Музейы кусæг Габеты Лаурæйы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм ахуыртæ сывæллæттæн ахсджиаг сты. Уымæн æмæ сæхæдæг уынынц нывкæнынады æппæт лыстæгдзинæдтæ. Уæлдайдæр та, нывгæнæгимæ комкоммæ ныхасгæнгæйæ, йæ амынддзинæдтæ дæр хуыздæр бахъуыды кæндзысты æмæ сæ сæ зæрдыл бадардзысты. «Ацы хъуыды нæм æвиппайды фæзынд. Æрыдоны сывæллæтты аивадон скъолайы ахуырдзаутæ сты тынг арæхстджын. Бафæндыд нæ сывæллæттæн дæсныйад æвдисæг ахуыртæ скæнын. Мæнмæ гæсгæ, сæм цымыдисаг кæсы ахæм ахуырты архайын. Базонгæ уал сæ кодтон ме ’сфæлдыстадимæ, дарддæр та, ныв куыд равзæры, уыимæ. Куыст райдыдтам афтæ: æз сын сæйраг хъуыды радтон, уый фæстæ сæ алчидæр йæхи бафæлвардта ныв кæныны хъуыддаджы», - зындгонд нывгæнæг Бигъанаты Зæринæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы музей-хæдзары ацыдысты дæсныйад æвдисæн ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ