Адæймаг - царды уæзы бын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Иуæй-иу адæймæгты цардвæндагимæ куы базонгæ вæййæм, уæд дисы бацæуæм. Иу адæймаджы бон куыд у уыйбæрц фыдæбæттæ бавзарын, зæгъгæ. Хъысмæт ын уый бæрц фæлварæнтæ цæмæн радты? Александра Левченко федта хæст, фыдæбон кодта хæсты фæстæ уæззау азты. «Ныр сабырæй цæрдзынæн», куы загъта, уæд та йыл уæззау уаргъ ногæй йæ уæз æруагъта. 99-аздзыд сылгоймаг баззад уынджы, æнæ хæдзар, æнæ бакæнæгæй. Цы йыл æрцыд зæры бонты, уый кæуындзастæй фæдзырдта нæ уацхæссæгæн. Бирæ азты амондджынæй кæимæ фæцард, йæ удлæууæн чи уыд, уыцы мкъайæ ма йæм баззадис къамтæ, майдантæ æмæ ордентæ. «99 аздзыд адæймаджы алæмæты диссæгтæ зынтæй бауырндзысты, стæй дын Хуыцау цæрынæн цас рæстæг радта, уый дæр ничи зоны» – зæгъы ацæргæ сылгоймаг Александра Левченко. Рацыд ыл æнусы ввахс, фæлæ йæ царды фылдæр хай тох кодта йæ амондыл. Александра Левченко райгуырд Дзæуджыхъæуы. 6-мæйдзыд сывæллонæй баззад æнæ мадæй. Бахауд Ленинградмæ. Уым схъомыл, хæсты рæстæг йæ амонд ссардта æмæ смой кодта, сывæллон ын райгуырд. Фæлæ хæсты уæззау бонтæн саби нæ бафæрæзта, йæ рæуджытæ суазал сты æмæ амард. Александрæйæн та хъысмæт бавзарын кодта Ленинграды блокадæ. «Ме мкъай куы фæцæф, уæд цы кодтаин, уый нал зыдтон. Кусын хъуыд æмæ ацыдтæн Кировы номыл заводмæ. Арæх иу æхсæвы дæр уым баззадтæн. Тæрсгæ кодтон, нæ алыварс немыц уыдысты æмæ», – Александра Левченко загъта. Йæ мкъаимæ йæ цард нæ рауад æмæ хæсты фæстæ сыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Иунæгæй. Балхæдта фатер. Базылдис æм æмæ дзы фæцард 2002 азы онг. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ карджын сылгоймаг уынджы баззад. Куыд æмбарын кæны, афтæмæй йæ фатеры гæххæттыты йæхимæ ныффыссын кодта йæ хæстæджыты, Архонкæйæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ бахауд рынчындонмæ. Уым ын йæ къухты цавæрдæр гæххæттытæ ныссагътой, цы уыдысты, уый нæ хъуыды кæны, стæй æргом дзургæйæ рынчын уæвгæйæ ууыл дæр нæ уыд. Куы йæ рафыстой, уæд та йын йæ хæдзары бынат нал уыд. Гæххæттытæм гæсгæ фатеры хицæуттæ систы æцæгæлон адæм. Ныртæккæ та уæвгæ дæр Мæскуыйы цæрынц. Ныртæккæ Александрæйы сæхимæ акодтой зæрдæхæлар адæм. Уый дæр æнæнхъæлæджы рауад. Рамиз Алиев йемæ рæстмæ зонгæ дæр нæ уыд. Кæддæр æм фæкаст, йæ хæдзары онг æй баласта, цы нæ вæййы, зæгъгæ, йын йæ номыр ныууагъта. Иу-афон ын йæ хабæрттæ куы базыдта, уæд æй йæхимæ æрцæрын кодта. «Иу бон мæм æрбадзырдта æмæ кæугæйæ дзуры, искуыдæм мæ акæн зæгъгъæ Кæннод, дам, мæхи Терчы баппардзынæн. Æз фæтарсттæн. Кæм ис, уымæй йæ фæрсын райдыдтон. Æмæ мын дзуры мæнæ остановкæйы бадын. Кæм, цы ран - уый тыххæй ницы. Мæхинымæр хъуыды кæнын- ау, адæм гæдыты æмæ куыйты сæ хæдзæрттæм куы акæнынц, уæд ай адæймаг куы у. Цæмæн афтæ рауад? Куыдис гæнæн, æмæ адæймаг йæ цард-цæрæнбонты фæкуыста, ныр та уынджы баззад. Куыд никæй хъæуы», – Рамиз Алиев загъта. Ныртæккæ Александра Левченко архайы, цæмæй Ленинграды блокадæй кæй уыд, уый æвдисæндар райса. Уæд ын бар уыдзæн йæ пенсийы бæрц фæфылдæр кæнын. Æрзылдысты æппæт хъæугæ организацитыл. Фæлæ сын дзуаппдæттæг нæй. «Ленинграды блокадæйы архайæджы ном райсыны тыххæй нæм 2016-æм азы курдиат ныффыста. Фæлæ йæм æмбæлгæ гæххæттытæ нæй. Ленинграды облæсты архивмæ фарста арвыстам. Æмæ нæм æрбарвыстой зæгъгæ ахæм адæймаджы æмæ йæ бинонты тыххæй сæм ницы бæрæггæнæнтæ ис». Царды зын фæндæгтыл чи фæцыд, йæ цард æнæрынцой тохы фæз кæмæн у, уыцы сылгоймаг сабыр дуджы ногæй тох кæны йæ бартыл. Фарон фатер райсынмæ рады слæууыд. 99-аздзыд сылгоймаг йæ зæрдæ дары, ног фатеры ма кæй ацæрдзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Адæймаг - царды уæзы бын

Категория:

Новости и СМИ