Гуйты Георгий уыдзæн ахст изоляторы
Хæдзары ахстæй бадыны тæрхонмæ дæр не 'нхъæлмæ кастысты Гуйты Георгийæн йæ хиуæттæ. Фæлæ, нырма уал уыдзæн ахст. Уыимæ - баддзæн изоляторы. Ахæм уынаффæ рахаста абон Мæскуыйы тæрхондон. Афтæмæй, йæ бартæ хъахъхъæнджытæ та куырдтой уынаффæ аивын. Фæлæ тæрхонгæнæг рахæцыд азымджын æй чи кæнынц, уыдоны фарс. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуйты Георгий æхсæнадæн у тæссаг. Уыимæ, йæ фарсхæцджытæ бацагуырдтой, цæмæй тæрхондон æркæса Георгийы банчы картæты рафыстытæм. Азымджынæй чи кæны, уыдонмæ гæсгæ, уырдыгæй закъонхалæг æрвыста æхца террористон мадзæлттæн. Ныртæккæ, уыцы рафыстытæ хъуыддагмæ хаст нæма рцыдысты. Уæдæ дзы æндæр æвдисæнтæ дæр нæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 26-аздзыд Гуйты Георгийы æрцахстой 15-æм майы. Азымджын æй кæнынц, терроризмæн кæй æххуыс кæны, уымæй. Æдасдзинады федералон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый 50 милуан сомы арвыста Уæрæсейы æнæзакъоныл нымад чи у, «Исламское государство», зæгъгæ организаци æмæ фонд «Мухаджирун»-æн. Георгий йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ арвыста хæрзаудæн мадзæлттæн. Ома, пысылмон уæвгæйæ, Рамаданы мæй æххуыс кодта фæкæсынцух чи у, уыдонæн. Георгийы йæ хиуæттæ æмæ йе 'рдхæрдтæ ахходжын нæ хонынц. Уæдæ кæмæн арвыста фæрæзтæ, уый дæр не*сбæрæг кодтой. Уымæй уæлдай ма, сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цалдæр азмæ 15 минæй фылдæр нæ арвыста. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ацы хъуыддаджы фæдыл ныридæгæн арæзт æрцыд дыууæ æмбырды. Ныртæккæ Гуйты Георгий у ахст. Уыимæ йæ хиуæттæ разы не сты. Ныффыстой фыстæджытæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ нæ бæстæйы президентмæ. Тæрхондон Георгийы азымджыныл куы банымайа, уæд æй ахæстоны сбадын кæндзысты 20 азы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гуйты Георгий уыдзæн ахст изоляторы
Категория:
Новости и СМИ