Дзæуджыхъæуы Цытджын Иоанн хæстоны аргъуаныл купол сæвæрдтой
Дзæуджыхъæуы хуссарварс Намысы мемориалмæ чи `рбафты, уый йын йæ рæбыны иу æмæ дыууæ хатты нæ федтаид æрдæгарæзт аргъуаны къултæ. Цалдæр азы размæ йæм æвзыгъдæй бавнæлдтой. Фæлæ куыдфæстæмæ арæзтад йæ бынатæй нал æнкъуысыд. Адæмы `хсæн хъус-хъус, раст чи нæ уыд, ахæм ныхæстæ сарæх сты. Чи загъта, æмæ йæ ауæй кодтой, чи та, фæстæмæ йæ акалдзысты, зæгъгæ, дæр дзырдта. Фæлæ дзы иу хъуыды дæр раст нæ уыд. Аргъуаны арæзтадæн æхца нал фаг кодта æмæ йæ уый тыххæй баурæдтой. Уæвгæ, Хуыцауы уарзон хъуыддагæн афтæмæй баззайын Дунесфæлдисæджы цæст нæ бауарзтаид. Абон аргъуаны сæр хуры тынтæм тæмæн æмæ цæхæртæ скалдта. Сæвæрдтой йыл купол. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Цытджын Иоанн хæстоны аргъуаныл купол сæвæрдтой
Категория:
Новости и СМИ