Уæрæсейы фæкъаддæр кæндзысты фиддонты терминалты нымæц
Уæрæсейы зынгæ фæкъаддæр уыдзæн фиддонты терминалты нымæц. Интернеты фæрцы чи кусы, уыцы кассæты сæ куыст рацаразын бахъæудзæн Хъалонтæ исыны федералон службæйы тыххæй. Хъуыддагыл ма ахады, нымайæн кассæтæм ног домæнтæ ахæсгæ кæй не сты, уый. Иуæй-иу аппараттæ та уæвгæ дæр дзуапп нæ дæттынц нырыккон домæнтæн. Хъалонтæ исыны федералон службæйæ фиддонтæ æмбæхст кæй сты, уый дæр хорз уагæвæрд нæу. Федералон службæйы хъоды бакæндзысты QIWI, TelePay, «КАССервис» æмæ фиддонты системæ «Апельсин»-ыл. Ивддзинæдтæ банкъардзысты амалхъом адæм, стæй, дæрддзæф хъæуты чи цæры, уыцы адæм. Зæгъæм, коммуналон лæггæдтæ æмæ кредиттæ фидын, уыимæ чырæ телефонты æхца æвæрыны фадат терминалы фæрцы адæмæн, гæнæн ис, æмæ нал уыдзæн. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ бирæ терминалтæн сæ куысты хъомыс уыйас нал у, ома, се `фтиæгтæй сæ хæрдзтæ нал æхгæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы фæкъаддæр кæндзысты фиддонты терминалты нымæц
Категория:
Новости и СМИ