3 мин 333 ирон чъирийы арвыстой Цæгат Ирыстоны æфсæддонтæн
3 мин 333 ирон чъирийы арвыстой нæ æфсæддонтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Ахæм хъæппæрис разынд республикæйы Сæргълæууæг æмæ хицауады администрацимæ. Къоппыты ма æфсæддонтæн нывæрдтой паддзахадон кусджытæй фыстæджытæ. Сæ фылдæры – бæрæгбоны фæдыл арфæтæ, сæрæгасæй тагъддæр сæ хæдзæрттыл Уæлахизимæ куыд сæмбæлой. Уӕлибӕхтæ абон цæттæ кодтой. Зæрдиагæй конд гуманитарон уæз лæппутæ райсдзысты райсом. Ног азы бæрæгбонмæ алы æфсæддон дæр йæ хай кæй райсдзæн, уымæй мадзаларазджытæ зæрдæ æвæрынц. Проекты автор - регионы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг коррупцийы ныхмæ фарстаты фæдыл - Диана Слепченко. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй æфсæддонты фарсмæ цы хуызы балæууой, ууыл рагæй хъуыды кодта. Ацы хорз хъуыддаджы йæ фарсмæ балæууыдысты йæ æмкусджытæ.