Цуаны ахадындзинад
Бирæтæ ма хорз хъуыды кæнынц, цалдæр азы размæ бирæгътæ хъæутæм куыд фæцахуыр сты, уый. Цæрджытæн цагътой сæ фос, хатгай-иу сæ фенæн уыд хъæуы уынгты дæр. Афтæ уыд, зæгъæм Быдыры Дæргъæвсы, Дзуарыхъæуы, Рассветы æмæ æндæр хъæуты. Ацы зымæг дæр та сырдтæ цæуын райдыдтой хъæутæм. Бирæгъты нымæцыл æфты азæй-азмæ. Иу сылбирæгъ æрхæссы 4-8 лæппыны. Афтæмæй, зæгъæн ис, уавæр кæны карздæр. Се `ргæвст фосмæ кæсгæйæ, адæм сагъæсы бацæуынц. Ацы бонты нæ республикæйы байгом бирæгътыл цуан кæныны рæстæг. Фыццаг къордтимæ абалц кодтой нæ уацхæсджытæ дæр. Райсомæй раджы - цуаны рæстæг... Цуанæттæ æмбырд кæнынц Майрæмададжы хъæугæрон. Уый та уымæн æмæ бирæгътæ фæцахуыр сты хъæумæ, адæмы фос цæгъдынц. Ацы хъуыддаджы фæстиат кæнæн нæй. Науæд тугдзых сырдтæ хæдзары фосæй ницыуал ныууаддзысты. Цуанæттæн ма сæ зæрдыл æрлæууын кодтой æдасдзинады домæнтæ æмæ цуаны фæтк, алчидæр сæ къух сæвæрдта техникон цæстдарды журналы. Цуан цуан у, фæлæ æдасдзинады æппæт домæнтæ дæр æххæст кæнын хъæуы. Афтæмæй, цуангæнджытæ баисты 30. Уый та ууыл дзурæг у æмæ сæм 30 хæцæнгарзы кæй уыдзæн. Цуанæттæ адих сты 2 къордыл. Сæ иу бирæгъты сурдзæн кæцæй нал ратæхдзысты, ахæм ранмæ. Иннæ къорд та сусæг ран баддзæн æмæ сæ уырдыгæй æхсдзысты. Ууыл баныхасгæнгæйæ нæлгоймæгтæ араст сты сæ бынæттæм. Алчидæр сæ зоны бирæгъ - зондджын сырд у. Йæ цардæн тæрсгæй, агуры æдас æмæ адæймагæн зындзæуæн фæндæгтæ. Фæлæ цуанæттæ дæр хуымæтæг адæм не сты. Сæ машинæтæ та цыфæнды сырдæй дæр тагъддæр сты. Цуаны ран бæрæггонд. Даддæр фистæгæй цæуын хъæуы. Фæндаг та се `нцонтæй нæу. Ахизын бахъæудзæн цæугæдоны, æрхыты æмæ æврæгъты сæрты. Цуанон суæвын алкæй бон нæ бауыдзæн" - зæгъынц нæлгоймæгтæ. Алчидæр сæ йæ дæсныйадыл æмæ арæхстдзинадыл æнувыд у. Сæ хæцæнгарзмæ та уæлдай тынгдæр цæст дарынц. Ис сæм сæрмагонд домæнтæ. Пайда кæнынц алыхуызæттæй. Се хсæн рæстдзæвин уæвынæн оптикон кусæнгæрзтимæ хæцæнгарз. Уым ис, арæх чи не мбæлы, ахæм нæмгуытæ. Сырд хъы дзыхъмард фæкæнынц æмæ нæ хъизæмæрттæ кæнынц. Цуанон хъуамæ йæхæдæг дæр сырдзæрдæ ма суа. Зыхъуаты Жаннæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цуаны ахадындзинад
Категория:
Новости и СМИ