Цæттæ сты
Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ абон фембæлдысты центрон æвзарæн къамисы кусджытимæ. Ныхас кодтой ахсджиаг политикон цау æмбæлгæ хуызы арвитыны мадзæлттыл. Æзварæн къамис раргом кодта йæ цæттæдзинады бæрæггæнæнтæ, куыд бындуронæй бакуыстой, уый радзырдта. Фембæлды амидингæнæг уыдис æхсæнадон палатæ. Закъонмæ гæсгæ, сæ бон æвзарæн хайæдтæм цæстдарджыты `рвитын нæу. Уымæ гæсгæ сæ бафæндыди æвзарæн къамисы цæттæдзинад бабæлвырд кæнын. Æвзарæн къамисы сæргълæууæджы хæдивæг ХъуыдАгкаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ ацæудзысты æмбæлгæ `мвæзадыл. Уæдæ рагацау цæттæгонд цыдысты цæстдарджытæ дæр. Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой, æвзарæн хайадмæ хи къахæй йæ бон æрбацæуын кæмæн нæу, уыдонæн æмбæлгæ мадзæлттæ саразыныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæттæ сты
Категория:
Новости и СМИ