Арвы цъæхтæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Зæххæй иу километр уæлдæр куы фестай æмæ дын фæстæмæ æрыздæхыны фæрæз хæдтæхæг нæ, фæлæ парашют куы уа, уæд уымæ, æвæццæгæн, æмæ бирæтæ сæ ныфс дæр нæ бахæссиккой. Фæлæ уæнгты туг сцырын кæнын тасæй сæйрагдæр куы свæййы, уæд та куыд? Ахæм ног фæлтæрддзинад абон райстой нæ уацхæсджытæ. Ныр æй зонынц, парашютимæ куыд архайын хъæуы, уый. 7,5 мин гæппы парашютимæ. 5 дунеон рекорды. Уыдæттæ цалдæр адæймаджы æвдисæнтæ не сты, фæлæ æрмæстдæр иуы. Александр Милованов фыццаг хатт рагæпп кодта 18 азы йыл куы цыд, уæд. Уый фæстæ йын бафсис нал уыд уæлдæфон тыгъдадæй. Ерыстæм ма суанг Тулæйы дæр балæууыд, уым базонгæ ис йæ цардæмбалимæ. Уарзондзинады уацары бахауд. Ныр хъомыл кæнынц дыууæ чызджы. Уыдонæн дæр сæ туджы сæ ныййарджыты хуызæн ахъардта арвы цъæхтæм. Александр Милованов: «Ныртæккæ гъæйттæй цæуынц фæсивæды цæттæ кæныны мадзæлттæ. Фæнды мæ, цæмæй мын мæ зонындзинæдтæ иууылдæр базоной, ног цæуылдæрты сахуыр уой. Уымæн æмæ спорты ацы хуыз иу ран нæ лæууы, размæ тырны, фæзыны дзы ног фæзилæнтæ, къордты акробатикæ, фрифлай, винсьют». Профессионалон дæсны спортсменты нымад минмæ цæуы. Сæ фæлтæрддзинад, æппындæр чи нæма расæррæтт кодта хæдтæхæджы гуыбынæй, уыдонæн у фæзминаг. Æвæлтæрдтæ сæ фарсмæ ахуырмæ тырнынц, сæ арæхстдзинæдтæ фидар кæнынц. Уый æнцон нæу. Тренировкæтæ вæййынц æртæ сахаты, уыимæ зынгцæст хуры бын. Бабыхсынц сын æрмæстдæр фæразонтæ. Хæдтæхæгæй гæпп кæныны размæ уал, парашютимæ раст æрбадыны лыстæг хъуыддæгтæ базонын хъæуы. Спорты ацы хуызы сæйрагдæр у æдасдзинад. Парашют цавæрдæр аххосæгты тыххæй куы нæ байгом уа, уæд хи куыд дарын хъæуы. Доны, бæлæстыл, электрон тыхы телтыл раст куыд æрбадын хъæуы. Дыууæ парашютимæ дыууæ гæппгæнæджы тæхгæ-тæхын кæрæдзийы куы скъуырой, уæд уæлæмхасæн парашютæй куыд ис спайда кæнæн, уыдæттæ. Уæдæ йæ æфснайын куыд хъæуы хордзены, уыцы зонинæгтæ дæр хуымæтæг не сты. Парашютимæ рагæпп кæныны хæдразмæ æвæлтæрдтæ бафыссынц сæрмагонд гæххæттытæ. Ныффыссынц дзы сæ паспорты æвдисæйнæгтæ, сæ къух æрæвæрынц, алцы кæй зонынц ныр, уый фæдыл. Æмæ атагъд кæнынц хæдтæхæгмæ. Хæдтæхæг стахт 800 метры бæрзæндмæ. Парашютимæ суинаг гæппгæнджытæ куыддæр фæуæле сты, афтæ уыцы-иу хъуыдымæ `рцыдысты – цымæ мæ ардæм цы Хуыцау схаста, зæгъгæ. Фæлæ куыддæр агæпп кæныны дзæнгæрæг ныццæгъды, афтæ рахъуыды-бахъуыды кæнынæн рæстæг нал вæййы. Алчи йæхиуыл дзуæрттæ афтауы æмæ акъахдзæф кæны æнæбын тыгъдадмæ. Фыццаг хатт æй чи бавзæрста, дыккаг хатт дæр йæхи нæ бауромдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Арвы цъæхтæм

Категория:

Новости и СМИ