Цæгат Ирыстонмæ схæццæ Гагарины Кубок

Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт сластой зындгонд трофей — Гагарины Кубок. Хоккей уарзджытæн рауад æцæг бæрæгбон. Кубок нæ республикæмæ сласта Дунейы, Европæ æмæ Советон Цæдисы бирæ хæттыты чемпион Вячеслав Анисин. Зындгонд спортсменимæ фембæлд Дзанайты Барис. Премьер фæнысан кодта, республикæйы разамынд спортсменты алывæрсыг рæзтыл кæй архайы, ноггонд цæуы инфраструктурæ. Кубок Цæгат Ирыстоны фæуыдзæн æрмæст дыууæ боны. Абон æй 17 сахатыл равæрдзысты Æрыдоны спорткомплексы. Райсом та 11-æй 15 сахаты онг уыдзæн ихын аренæ "Тагбан"-ы. Уый фæстæ йæ цæрджытæ фендзысты базарадон центр "Алания-молл"-ы. Континенталон хоккейы лигæйы туры фæлгæты сæйраг трофей 10 боны æмгъуыдмæ йæ фæндаг ракæндзæн Уæрæсейы хуссарварсы цыппар горæтыл. Мадзал бацæттæ кодта Ростелеком.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
22 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии