Хæдтулгæты конструкцитæм ивддзинæдтæ чи бахæссы, уыцы шофырты æфхæрдзысты закъонмæ гæсгæ
Уæрæсейы гæнæн ис æмæ ивар кæнын райдайдзысты, сæ хæдтулгæты уæлæмхасæн динамиктæ цы шофыртæ сæвæрой, уыдоны. Ивары бæрц - 500 сомы. Дыккаг хатт ма уагхæлд куы æрцæуа, уæд хæдтулгæ пъæлицæйæгтæн сæ бон у хæдтулгæ регистрацийæ сисын дæр. Уæвгæ, закъонхæлдтæм хауынц хæдтулгæйы конструкцийы цыфæнды ивддзинæдтæ куы 'рцæуа, уыдон се 'ппæт дæр. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмбарын кæнынц, ахæм ивддзинæдтæ æдасдзинады домæнтæ кæй халынц, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv