Æнхъæлмæ кæсынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Транскам æмæ арвы комы фæндаг нырма сты æхгæд. Арæнты цур байгом кодтой хъармгæнæн бынæттæ. Æппæты фылдæр хæдтулгæтæ сæмбырд ис контролон - уадзæн пункт Уæллаг Ларсы. Фæндаг байгом кæнынмæ æнхъæлмæ кæсынц 350 шофырæй фылдæр. Кæд байгом уыдзысты фæндæгтæ, уый бæрæг нæма у. Бæлвырддæр уавæры тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Контролон -уадзæн пункт Уæллаг Ларс ныр суткæйæ фылдæр у æхгæд. Уый Гуырдзыстоны рдыгæй боныхъæд кæй февзæр ис уымæн. Фæндагыл рог æмæ уæзласæн хæдтулгæты цæндтæ апарахат сты 5 километры . Стыр хæдтулгæты шофыртæн æппæты зындæр у. Уыдон арæны сæрты ахизынмæ бахъæуы суткæгай æнхъæлмæ кæсын. Куыд зæгъынц афтæмæй, цы хойраг ласынц уымæн сæфынæй тæрсынц. Кæй зæгъынæй хъæуы суазал стæм. Æртæ суткæйы хæдтулгæйы фынæй кæнæм. Мах дæр адæм стæм. Куы рацыдтæн уæддæр 6 суткæйы фæлæуыдтæн. Уæллаг Ларсы байгом кодтой хъармгæнæн пункттæ. Ам бæлццæтæн сæ бон у сæ фæллад суадзын æмæ хъарм цай бацымын. Уымæй уæлдай ма дзы медицинон къаретт дæр лæууы. Цæттæ сты æвæстиатæй баххуыс кæнынмæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æвæстиаты хъусынгæнинæгтæ æрвиты радиомæ æмæ адæмæн сæ чырæ телефонтæм. Шофыртæн дзурынц Цæгат Кавказы æмæ Цæгат Ирыстонмæ æрбацæуæнты фæндæгты цы уавæрты сты , уый тыххæй. Арвы комы фæндаг байгом уыдзæн Гуырдзыстоны рдыгæй фæндæгтæ митæй куы ныссыгъдæг кæной ,уæд. Синоптикты хъусынгæнинагмæ гæсгæ боныхъæды бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр уыдзысты 15 декабрмæ. Фæлæ хæххон фæндæгтыл æрдзы фæзилæнтæ кæцырдæм фæуыдзысты уый бæрæг нæу. Таможняйы службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фæндаг куы байгом уа,уæд фыццаджыдæр уаддзысты рог хæдтулгæты. Уæзласæн машинæтæн та ныртæккæ дæр бар ис сæрмагонд мадзæлттæ ацæуынæн. Ома сæ рæстæг гæххæттытыл нал хардз кæндзысты. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй боныхъæды бæрæггæнæнтæ сахатæй-сахатмæ бæрæг кæнынц. Æппæт хъæугæ информаци ссарæн ис сæ офицалон сайты. Адæммæ сидынц, цæмæй сæ балцы ацæуыны размæ боныхъæдмæ кæсой æмæ арæнты уавæртæ бæрæг кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнхъæлмæ кæсынц

Категория:

Новости и СМИ