Дзанайты Барис амыдта хицауады радон аппаратон æбырд
Дзанайты Барис амыдта хицауады радон аппаратон æбырд
Ацы аз нæ республикæйы 12 национ проекты райрæзтæн рахай кодтой 9 миллиард сомæй фылдæр. Фæрæзты 55% ныридæгæн нысантыл хардзгонд æрцыдысты. Уый æгас Уæрæсейы астæуккаг бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ у 9% фылдæр. Ацы фарстатыл ныхас кодтой хицауады аппаратон æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Фæрæзты фылдæр хай æрвыст æрцыд 150 социалон объекты арæзтад æмæ бындурон цалцæгæн. 20 бæстыхайы дзы куыстытæ фесты. Ноджы 22-йыл та кæронмæ фæхæццæ кæнынц. 108 бæстыхайы куыстытæ сты сæ тæмæны. Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уый хорз хатдзæгтæ сты, æмæ сæ афтæ хъæуы дарддæр дæ хæццæ кæнын. Æмбырды ма ныхас кодтой æппæтуæрæсеон æркаст «Малые города и исторические поселения»-йы тыххæй дæр. Ацы аз дзы рамбылдтой Нары хъæу, Æрыдоны æмæ Дыгуры районтæ. Уым бынæттæм базилынæн фидæн азы республикæ райсдзæн 200 милуан соммæ хæстæг.