Стъараполы крайы ссардтой хъобайнаг культурæйы æвдисæнтæ
Грушеваг цæрæнбынаты зæппадзы къахæн куыстыты рæстæг Стъараполы археологтæ ссардтой рагон ингæнтæ кремацигонд буары фæныкимæ. Ингæнтæ хауынц хъобайнаг культурæмæ, сты нæ дуджы агъоммæ 7-æм - 3-æм æнустæм ахæсгæ. Информацион агентад ТАСС-æн археолог Владимир Руденко куыд фехъусын кодта, афтæмæй уыцы рæстæджы мæрдты арæх нæ сыгътой. Ингæнты кæй ссардтой, уыдон æнæхъæнæй сыгъд не рцыдысты, æрмæстдæр адæмс стæгдартæ æмæ ингæнты фæрстæ. Нырма уал ахуыргæндтæ бæлвырдæй нæ зонынц, ахæм фæтк цæимæ баст у, уый. Уыцы рæстæг адæймаджы ныгæдтой, цæргæйæ йæ цы дзауматæ хъуыдис, уыдонимæ. Æдæппæтæй зæппадзы ссардтой 30 ингæны. Разынд дзы керамикæ æмæ бронзæйæ арæзт дзауматæ. Археологон куыстытæ æххæстгæнæг къорды уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ингæнты бæлвырд нымæц зын зæгъæн у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Стъараполы крайы ссардтой хъобайнаг культурæйы æвдисæнтæ
Категория:
Новости и СМИ