Æрыгон æвзарæджы бон
Æрыгон æвзарæджы боны фæлгæтты Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы уыд гом дуæртты бон. Архайдтой дзы Суворовон училищæйы ахуырдзаутæ. Сæйраг æвзарæн къамисы сæргълæууæг Моргуаты Жаннæ сын радзырдта 18 мартъийы нæ бæстæйы Президенты æвзæрстытæ куыд цæудзысты, уый тыххæй. Базонгæ сæ кодта сæйраг домæнтимæ.Ныхас цыд бынаты хъæлæс кæныны механизмы æмæ технологион ногдзинæдты тыххæй. Æрыгон чызджытæ æмæ лæппутимæ æрдзырдтой уæрæсейы æвзарæн барты лыстæг хъуыддæгтыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ æрыгон æвзарæджы бон фидаргонд æрцыд куыд æппæтуæрæсеон. Уымæ гæсгæ æрвылаз дæр бæрæггонд æрцæуы. Йæ сæйраг нысан та у фæсивæды зонындзинæдтæ парахатдæр æмæ хæрзхъæддæр кæнын. Мадзал аразджытæ сæ зæрдæ дарынц, æрыгæттæ æвзæрстытæм кæй цæудзысты, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрыгон æвзарæджы бон
Категория:
Новости и СМИ