Ирыстойнаг спортсментæ архайдзысты ерысты Индийы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

15 просмотров

9 лет назад

Индийы сæйраг горæт Нью-Делийы та райсом ацæудзæн æртыккаг чемпионат спортивон хъæбысхæстæй. Фыццаг бынат бацахсыныл тох кæндзысты æхсæз клубы. Æртæйы дзы сæ тых бавзардзысты Уæрæсейы минæвæрттæ, уыимæ цæгатирыстойнæгтæ дæр. Турниры фæлгæты уал клубты уæнгтæ фембæлдзысты кæрæдзиимæ. Уыйфæстæ цыппар хуыздæр къорды спорстментæ сæ хъару `вдисдзысты æрдæгфиналы ерысты. Алыхуызон уæзты фæсивæд схæцдзысты уæгъдибар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Олимпаг чемпион Рæмонты Сослан тох кæндзæн 65, дунейы чемпион Цæболты Хетик та йæ хъару бавзардзæн 74 кг онг уæзы. Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы æмæ Ирыстоны кад турниры хъахъхъæндзысты Кетойты Георгий æмæ Æлборты Аслæнбег. Дыууæйæ дæр фæуæлахиз уæвыныл архайдзысты нæуæдз дыууæ кг онг уæзы. Кæронбæттæн ерыстæ ацæудзысты 26 январы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ирыстойнаг спортсментæ архайдзысты ерысты Индийы

Категория:

Новости и СМИ