Хъысмæт æгъатыр у
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр Никифор Овечкины фырт Сергей фæмард фæндаггон фыдбылызы. Владивостокæй цыд Дзæуджыхæумæ, йæ фыды ингæн бабæрæг кæнынмæ. Фарон Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт уыд. Бирæ азты йæ фыды ингæн кæм ис, уый нæ зыдта. Фарон та дзæуджыхъæууккаг бæстæзонæн социалон хызгтæй иу мыхуыргонд æрцыд Никифора Овечкины æмæ кæм ныгæд ис, уый тыххæй æрмæг. Æдзард хæстоны фырты чызг ныффыста автормæ. Чызгæн се ххуыс нæ бахæлæг кодтой Дмитрий Рейсих æмæ Андрей Попов. Бинонты фæхуыдтой Цæгат Ирыстонмæ, бацамыдтой сын Никифор Овечкин кæм ныгæд ис. уыцы æфсымæрон ингæн. Уый уыд фарон. Хъыгагæн, ацы аз сæ номдзыд хæстоны ингæныл нал сæмбæлдысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъысмæт æгъатыр у
Категория:
Новости и СМИ