Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады культурон центры ацыд литературон премийы кадджын мадзал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады культурон центры ацыд литературон преми «Булæмæргъ»-ы кадджын мадзал. Архайдта дзы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Литературон преми «Булæмæргъ»-ы сæйраг нысан - ирон æвзагыл чи фыссы æмæ ирон литературæйы рæзтмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыцы авторты сразæнгард кæнын дарддæры куыстмæ. Фыццаг бынат æмæ æхцайы премийæ хорзæхгонд æрцыд æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ. Ныффыста уацмысты цикл ирон националон прозæйы хуызы. Дыккаг бынат бацахста поэт æмæ журналист Гасанты Валерий, æртыккаг бынат та адих кодтой Джиоты Любовь æмæ Хъодалаты Мария. Уыдон стыр æвæрæн бахастой музыкалон-поэтикон аивадмæ. Преми «Булæмæргъ» у æрвылазон. Снысан æй кодтой 2016 азы Хуссар Ирыстоны минæварады хъæппæрисæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv