"Раззæгдæрты змæлд" - ы активистты суазæг кодтой театр "Саби" - йы
Хуыйджытæ ма йæ хорз хъуыды кæнынц фыццаг кукла сцæттæ кæнынмæ сæ дыууæ мæйы куы бахъуыд, уый. Фигурæ, хъуымац, аивгæнæн хæйттæ. Алы лыстæг дзаумайæн дæр стыр ахадындзинад ис. Уымæ гæсгæ дæснытæ бæстонæй архайынц. Куклаты хуызтæ саразынц бутафортæ. Гыкъынатæ куыд фæзынынц, кæй къухты скоммæгæс вæййынц, аргъауы дунейы æрфытæ - æппæт ацы сусæгдзинæдтæ радзырдтой "Раззагдæрты змæлд"-ы активисттæн. Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ бабæрæг кодтой театры æрмадзтæ. Федтой аргъæутты хъайтарты, декорацитæ, костюмтæ. Раздæр сывæллæттæй ам бирæтæ уыдысты куыд театрдзаутæ, ныр та сын фадат уыд сæхи æцæг актертæй банкъарынæн. Фидæны дæсныйад равзарыны фæдыл фæсивæдæн баххуыс кæнын у "Раззагдæрты змæлд"-ы федералон проект "Школьная классика" æххæст кæнгæйæ акци "Театральное закулисье"-йы сæйраг нысан. Ахсджиагдæр у сывæллæтты сфæлдыстадон хъомыс раргом кæнын. Сæрды кæронмæ "Раззагдæрты змæлд"-ы активисттæ бабæрæг кæндзысты ирон, уырыссаг æмæ республикæйы æндæр театртæ. Ахуыртæ сын амондзысты культурæйы æмæ аивæдты архайджытæ, режиссертæ, актертæ æмæ къабазы æндæр специалисттæ.