Риссагдæр фарстатыл
Алагиры районы цæрджытæ та ногæй радтой ахсджиаг фæрстытæ Битарты Вячеславмæ. Ацы хатт республикæйы сæргълæууæг уыд Куырттаты комы. Адæмæн фадат фæцис, сæ зæрдæ цæмæ `хсайы, уый тыххæй радзурынæн. Адæмы тыхсын кæны фæсивæды æгуыстдзинад, æнæуаг арæзтад комы, хæхбæсты сыгъдæгдзинад. Уæдæ сæм абоны онг æрдзон газ сæ хæдзæртты кæй нæма ссыгъд, уый та сæ дзуринæгты сæр уыдис. Адæмы хъæстытæ æмæ курдиæттæм байхъуыста нæ уацхæссæг дæр. Брытъиаты Феликсæн - ныхасы бар. Газ хæдзæрттæм бауадзыны хъуыддаг куырттатæгтæн сæ сæйраг койаг у. Æрдзон газ коммæ бауагътой, фæлæ йæ хæдзармæ бахæццæ кæнын бирæтæн сæ дзыпп нæ амоны. Тамайты Майраны ныхæстæм гæсгæ, йæ къух кæмæн нæ амоны, уыцы цæрджыты хъæуы документтæ сæмбырд кæнын. Артаг бауадзæггаг уæд уыдзæн æртæ хатты асламдæр. Бафидæн ын ис къæпхæнгай дæр. Республикæйы сæргълæууæг хъуыддаг йæхимæ райста. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, бирæфатерон хæдзæрттæм хъарм лæвар бауаддзысты иннæ аз. Уыцы хабарæй адæмы зæрдæтæ барухс сты. Тыхсын сæ кæнынц æндæр фарстатæ дæр. Æнæпълан арæзтад, банкоматæй цухгонд, куысты бынæттæ æмæ кувæн бынæтты уавæр. Райхалинаг фарстатæ - фагæй-фагдæр. Ныхас цыд зæххыты фарстайыл. Битарты Вячеслав: «Уалдзæджы закъон скодтам. Уымæ гæсгæ фос чи дары хæхбæсты уый гектарæн фыстаид хъуамæ раздæр сæдæ сомы, ныртæккæ та фиддзæн дыуиссæдз сомы. Уый фос чи дары уыдон. Зæххытæ чи райста æмæ дзы фос чи нæ дары уый та фиддзæни мин сомы. Мæ уадз æмæ бюджетмæ уæддæр фида æхца. Дарддæр дæр сæ куы нæ куса уæд суд кæндзыстæм семæ цæмæй уыцы зæххытæ райсæм æмæ куыд загътай мæнæ, æмæ фæсивæдæй фос дарын кæй фæнды, хистæртæй дæр фосдарын кæй фæнда хæхбæсты уыдонæн уыцы зæххытæ ратдзыстæм». Республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлдмæ æрбацыд поселочы фæсивæд дæр. Бынæттон стадионы хъысмæт сæ сагъæсы `фтауы. Битарты Вячеслав куыд зæгъы, афтæмæй 2020 азы объект бахæсдзысты федералон рацарæзты сæрмагонд программæмæ. Куырттатæгтæ хъаст кодтой фæндæгты уавæрæй дæр. Фæндæгты хæдзарады сæрдар Солиты Тариель зæрдæ бавæрдта, иннæ аз æй Дзуарыхъæуæй Фыййагдонмæ кæй сцалцæг кæндзысты. Фембæлды Битарты Вячеслав æххуысæй зæрдæ бавæрдта Фыййагдоны культурæйы хæдзармæ базилынæй дæр. Æрæджы дзы сцалцæг кодтой фыццаг уæладзыг. Дыккагмæ нæма бахæццæ сты. Профилон кусæндæттæн бабар кодта уыцы хъуыддагыл бацархайын. Ног азы та уал бæстыхайы алфамблай банывыл кæндзысты. Æмбырды Битарты Вячеслав дзуапп радта дæсгай фæрстытæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы курдиатмæ дæр хицауад йæ хъус æрдардзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Риссагдæр фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ