Цæгат Ирыстоны национ проектты фæлгæты аразынц сывæллæтты рæвдауæндæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны байгом уыдзысты сывæллæтты ног рæвдауæндæттæ. Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны арæзтадон куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый сбæрæг кодтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперттæ. Специалисттæ арæзтадон фæзтыл уæлдай æргом аздæхтой куыстыты хæрзхъæддзинадмæ. Фæбæрæг ма кодтой, арæзтад фæткмæ гæсгæ цæуы æви нæ. Ацы объекты арæзтад фæнд кодтой июны райдайын, фæлæ ныффæстиат сты. Ныр специалисттæ мидæггаг куыстытæ æххæст кæндзысты дыууæ фæлтæрмæ гæсгæ. Проектмæ гæсгæ, ацы рæвдауæндоны бынат уыдзæн 280 сывæллонæн. Фидæны дыууæуæладзыгон бæстыхайы уыдзæн хъазæн фæзтæ алы къордæн дæр. Объект эксплуатацийы афойнадыл раттын къухы нал бафтдзæн, фæлæ куыстытæ хъуамæ уазæлтты размæ фæуд уой. Къæпхæнгай арæзт цæуы Владикавказкая уынджы уынджы сывæллæтты фидæны рæвдауæндон. Аразджытæ алы хъуыддагмæ дæр лæмбынæг кæсынц. Сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтадмæ ис сæрмагонд домæнтæ. Ныртæккæ бæстыхаймæ уадзынц дон, электрон тых æмæ хауæццæгтæ æмбырдгæнæн хæтæлтæ. Сæйраг куыстытæ фæуынвæнд кæнынц декабры астæумæ. Беслæны сывæллæтты ног рæвдауæндон аразын райдыдтой фарон. Горæты скъолайы агъоммæ уагдæтты бынæттæ фаг кæй нæй, уымæ гæсгæ ацы объекты фæзынд у ахсджиаг æмæ хъæугæ. Тагъд рæвдауæндон йæ дуæрттæ байгом кæндзæн сабитæн. Хъазæн фæзтæй хъуысдзæн сæ хъæлдзæг ныхас. Ныридæгæн бæстыхай у рæвдз. Саив ын кодтой йæ алфамбылай. Ифтонггонд æрцыд æмбæлгæ дзауматæ æмæ кусæнгæрзтæй. Ног социалон объектты арæзтад цæуы æртæ национ проектты фæлгæты. Æдæппæтæй нæ республикæйы фæнд кæнынц 12 рæвдауæндоны байгом кæнын. Бынат дзы уыдзæн 4 мин сабийæ фылдæрæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv