Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ сбæрæг кодтой кæлæддзаг хæдзæртты уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ кæсынц кæлæтдзаг хæдзæртты уавæрмæ. Дзæуджыхъæуы рацыдысты радон рейдмæ. Сæ сæйраг нысан «Переселение из аварийного жилья», зæгъгæ, программæмæ гæсгæ цы хæдзæрттæ сарæзтой, уыдоны уавæр сбæрæг кæнын. Се `хсæн Къесаты Астаны номыл уынджы, Донгæроны æмæ Дачнæйы фатертыл. Хæсæгаты Дианæ йæ ног фатермæ æрбалыгъд 4 азы размæ. Раздæр цардысты Китайскæйы фæзы. Уырдыгæй сæ рарвыстой сæ цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн Хъесаты Астаны уынджы ногарæзт хæдзармæ. Куыд зæгъы, афтæмæй цыбыр рæстæджы фæстæ къултæ хъуына кæнын райдыдтой. «Ардæм куы æрбалыгъдыстæм, уæд зымæджы нæ къултæ хъуына кæнын райдыдтой, кодтой уымæл, царæн йæ сæрстытæ хаудысты, зæрдæхсаинаг уыд рудзгуыты уавæр дæр, уазал сæ мидæмæ цыд», - Хъесаты Останы уынджы цæрæг Хæсæгаты Дианæ. Наталья Шейн та йæ ног фатер æрбаййæфта хъуына къултимæ. Цæры фыццæгæм уæладзыджы, ардæм æрбалыгъд 2016 азы. Иу мæйы фæстæ аразджытæм фæдзырдта æмæ сын хъуыддаг бамбарын кодта, фæлæ ма йæхæдæг дæр йæхи хъарутæй архæйдта. «Рудзгуытæй мæм мидæмæ дымы, мæ бон куыд у, афтæ сæ хæцъилтæй бахгæдтон, къухни æмæ залы мæ рудзгуытæ бæстон конд не сты. Диванты æмæ хуыссæнты бын, уæлдæф кæдæм нæ хæццæ кæны, уым схъуына», - Хъесаты Астаны уынджы цæрæг Наталья Шейн. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперттæ рейдтæ аразынц, программæ «Переселение из аварийного жилья» -мæ гæсгæ арæзт чи ’рцыд, уыдоны уавæртæ бабæрæг кодтой, адæмон фронты эксперт Александр Купцов йæ хъуыдытæ загъта «Мах æмæ цæрджыты иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, аразджыты куысты мидæг исты хъæндзинæдтæ бæрæггонд куы ’рцæуа, уæд мах хъуамæ арвитæм хъусынгæнинаг æмæ дарддæр сæ куыст хъуамæ пъланыл скæной. Ныртæккæ ацы хъуыддаджы аххосджын сты аразджытæ. Хъесаты Астаны фырты номыл уынджы фатерты мах раиртæстæм, къултæ кæй схъуына сты, уый. Уый та уымæн, æмæ къултæ кæронмæ хус нæ уыдысты æмæ згъæлын дæр уымæн райдыдтой», - Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперт Александр Купцов. Донгæроны Средне-Дачнайы уынджы 3-æм хæдзары ис 6 фатеры. Мидæмæ бахизгæйæ уæттæ æдзæллаг уавæры, къултæ уымæл, цар фыр хъуынайæ сау адардта. Сæрдгæ дæр сæ, бæргæ, бакæнынц, фæлæ фæфыддæр вæййынц. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй аххос уый мидæг ис, æмæ хæдзары бындур æгæр ныллæг у, хъармгæнæнтæ дæр нывыл конд не сты. Ахæм уавæрты цæрынц æнахъом сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ æмæ карджын адæм. «3 мæйы размæ хъæуы администрацийы сæргълæууæгмæ уыдыстæм, ацы хъуыддаджы фæдыл. Уый фæстæ нæм сæрмагонд къамис æрбацыд, бауынаффæ кодтой, фæлæ иу хъуыдымæ не ’æрцыдысты æмæ ницы уынаффæ рахастой», - Донгæроны цæрæг Гæбæраты Анжела. Федералон паддзахадон оргæнты нысан у баххуыс кæнын субъекттæн æхцайы фæрæзтæй, цæмæй цæрджыты хуыздæр цæрæнуæттæм раивой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ сбæрæг кодтой кæлæддзаг хæдзæртты уавæр

Категория:

Новости и СМИ