Дзæуджыхъæуы уыд бизнес-æхсæнады архайдимæ конференци
Дзæуджыхъæуы уыд бизнес-æхсæнады архайдимæ конференци
«Амалхъом фæсивæд. Ног гæнæнты рæстæг». Ахæм сæргондимæ конференци ацыд Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы бизнес-æхсæнады 100 минæварæй фылдæр, фембæлдысты паддзахадон оргæнты минæвæрттæ æмæ амалхъомады къабазы раззагдæртимæ. Мадзалы рæстæг арæзт æрцыд финансон фарстаты фæдыл хъæзтытæ. Къабазы райрæзтмæ егъау æвæрæн чи бахаста, уыцы амалхъом адæм хорзæхгонд æрцыдысты.