Наркотиктæ æрбаласынмæ чи хъавыд, ахæм закъонхалæджы æрцахстой Уæллаг Ларсы
Уадзæн пункт Уæллаг Ларсы арæнтæ хъахъхъæнæн управлени æмæ таможнæйы кусджытæ та æрцахстой 38-аздзыд закъонхалæджы. Нæлгоймаг арæнты сæрты Уæрæсемæ фæнд кодта наркотиктæ раласын. Гуырдзыстоны цæрæгыл паспортон-контролон пункты фæгуырысхо сты арæнхъахъхъæнджытæ. Сгарæн-агурæн мадзæлтты рæстæг нæлгоймагмæ разынд 4 граммы марихуаннæ. Хи пайдайæн æй хъуыд æви уæй кæнынæн, уый нæлгоймаджы бон бамбарын кæнын не сси. Ныртæккæ ацы цауы фæдыл слестгæнджытæ аразынц хъæугæ мадзæлттæ. Гæнæн ис æмæ нæлгоймаджы ныхмæ байгом кæндзысты уголовон хъуыддаг. Афтæмæй ахæстоны фæбаддзæн 3 азæй 7 азы онг. 2019 азы æмгъуыдмæ конролон уадзæн пункты наркотиктæ ластимæ баст цаутæ æрцыд 4. Сæ фæдыл байгом кодтой уголон хъуыддæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Наркотиктæ æрбаласынмæ чи хъавыд, ахæм закъонхалæджы æрцахстой Уæллаг Ларсы
Категория:
Новости и СМИ