Зæххытæ амалхъом адæймæгтæн
Хицауады хæдзары арæзт æрцыд инвестицион проекттæн паддзахадон æххуыс раттыны ведомствоты æхсæн къамисы æмбырд. Æрдзырдтой æнæ аукционæй зæхх хаццоны кæмæн ратдзысты, уыцы кандидатты тыххæй. Ныхас цæуы хъæууон-хæдзарады рæзтыл чи кусы, уыцы амалхъом адæймæгты æмæ фермерты тыххæй. Æмбырд амыдта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй зæхх хаццоны раттыны руаджы хъуамæ сæвзæра ног кусæн бынæттæ. Ахсджиаг у æрмæст фермæйы райрæзт нæ, фæлæ ма адæмы куыстмæ сразæнгард кæнын дæр. Кандидатты номхыгъды ис кæсаджы, маргъы æмæ фос дарыны куыстыл хæст чи сты, ахæм амалхъом адæймæгтæ. Хицауады сæрдар ма фæнысан кодта, проекты арæзты алы къæпхæнмæ хъæугæ цæстдард кæй хъæуы здахын, уый. Амалхъом адæм хъуамæ æмбæлгæ æмгъуыдмæ хъæугæ информаци дæттой. Æрмæстдæр афтæ кусгæйæ ис ацы хабар æнæ къуылымпы æмæ фæлитой митæй саразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зæххытæ амалхъом адæймæгтæн
Категория:
Новости и СМИ