Хуыздæрты хуыздæртæ
Дзæуджыхъæуы цæуы турнир мини-футболæй. Сарæзтой йæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтæ. Ерысты архайынц 8 хæдахуыр командæйы нæ республикæйы районтæй, 16 азæй 19 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Мини-футболæй турнир ис проект «Сывæллæтты спорт»-ы фæлгæты. Хъæзтыты кæрон фæсивæдæн саккаг кæндзысты зынаргъ лæвæрттæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы кубокæй. Турниры архайджытæн та ратдзысты майдантæ, кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Хуыздæр хъазæгæн снысан кодтой хицæн хæрзиуæг. Ерысты аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ ацы спорты хуызмæ фæсивæд ноджы фылдæр аздæхтой се `ргом. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуыздæрты хуыздæртæ
Категория:
Новости и СМИ