Худинаг æмæ алайаг
Ныртæккæ уын цы кадртæ равдисдзыстæм, уыдон нæм æрбарвыстой Беслæны цæрджытæ. Æрвылбон сæ зæрдæ цæмæй риссы, уыцы нывтæ кæд искæмæ худинаг фæкæсиккой, зæгъгæ. Цæвиттон, Ирыстоны тынг уарзынц уынгтæ, бæстыхæйттæ, алыхуызон ирхæфсæн фæзтæ паддзахадон нысæнттæй аив кæнын. Фæлæ ныртæккæ цы тырысаты бызгъуыртæ уынут, уыдон ахæм хъуыддæгтæм тынг дард сты. Чидæр бавдæлд, æмæ Беслæны Коминтерны уынджы рынчындонмæ `ввахс спортивон фæзы æрцауыгъта Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны тырысатæ. Уыцы хабар, æвæццæгæн, динозаврты рæстæг æрцыдис. Æндæр тырысатæ афтæ ныскъуыдтæ æмæ ныддæрæнтæ уыдзысты, уымæн куыд уæвæн ис? Паддзахадон символтæ ныр сæ комкоммæ хæс нæ, фæлæ халæттæ тæрсын кæнынæн фылдæр пайда сты. Рахизфарсы районмæ та уазæг цæуаг у. Цас аив уыдзæн, уыцы хуызджын хæцъилты дымгæмæ пæр-пæргæнгæ зæбултæ исчи куы фена, уæд? Цы хъилтыл ма бæз-бæз кæнынц, уыдон дæр афтидæй сагойы хъæдтау арвмæ кæсынц. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ паддзахадон символтæй хынджылæг кæнын не `мбæлы суанг уголовон кодексмæ гæсгæ дæр. Уыдæттæ чи бауæнда, уый, гæнæн ис, æмæ афæдзмæ ахæстоны смидæг кæной, кæнæ уыцы `мгъуыдмæ æхсæны куыстытæ кæна. Ис ма дзы æндæр æфхæрæн мадзæлттæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Худинаг æмæ алайаг
Категория:
Новости и СМИ