Æууæнчы адæм
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы парламенты экс-спикеры сфидар кодтой УФ-йы Президентмæ кандидат Владимир Путины æууæнчы адæймагæй. Хабыцты Ларисæ æвзæрстыты размæ архайдзæн æркастыты, фембæлдтыты æмæ æндæр алыхуызон мадзæлтты. Райдиан номхыгъды уыдис 259 адæймаджы. Алкæмæдæр дзы бæстон кастысты, сбæрæг сын кодтой сæ гæххæттытæ. Закъонмæ гæсгæ Президентмæ кандидатæн бар ис 600 æууæнчы адæймаджы сфидар кæнынæн. Сæ номхыгъд сын Владимир Путины штаб сфидар кæндзæн январы кæронмæ. Кæй йæм бахæсдзысты, уыдон кусдзысты æмæ агитаци кæндзысты сæ кандидатыл. Бар сын уыдзæн кандидаты номæй дебатты архайынæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æууæнчы адæм
Категория:
Новости и СМИ