Дзæуджыхъæуы Калинины уынджы скверы фыдгæнджытæ ныппырх кодтой ног бандæттæ
Дзæуджыхъæуы Калинины уынджы скверы фыдгæнджытæ ныппырх кодтой ног бандæттæ. Бынæттон цæрджытæ социалон хызæгты апарахат кодтой видео æрмæг, сæ хъуыдытæ не мбæхсгæйæ. Афæдзы райдиан сквер саив кодтой, базылдысты йæм, сæвæрдтой дзы рухсдæттæн системæ, урнæтæ, бандæттæ. Ацы районы адæмæн сквер у иунæг бынат сывæллæттимæ сæ уæгъд рæстæг кæм фервитынц, ахæм. Цæрджытæ сквермæ сæхи хъарутæй фæстæмæ базылдысты, сцалцæг кодтой бандæттæ. Курдиат сæм ис горæты цæрджытæм, цæмæй аргъ кæной искæйы куыстæн, æмæ æнæгъдау митæ ма кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Калинины уынджы скверы фыдгæнджытæ ныппырх кодтой ног бандæттæ
Категория:
Новости и СМИ