Æцæг у?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Хур нæма рафæлгæсы, афтæ сæумæйæ Камбилеевкæйы цæрæг Дзасохты Геннадийы ссарæн вæййы йæ хъæрмуаты. Раст цыма йæхи сывæллæттæ сты, уыййау узæлы йæ халсартыл. Æмæ цæуылнæ? Адæймаджы зæрдæ йæ куыстæй куы райа æмæ æнæзивæг куы уа, уæд фæллойкæнынмæ тырнгæ дæр афтæ кæны. Геннадий цы халсартæ æмæ мыггаг æрзайын кæны, уымæ та адæм рады слæууынц. Уымæн æмæ у адджын æмæ сыгъдæг. Ома, æнæ химикаттæй. Кæм ма ис абон ахæм продукттæ куы бадис кæнат, уæд уæ Камбилеевкæмæ арвитдзыстæм. Раст не сфæлдыстадон къорды хуызæн. Дзасохты Геннадийæн йæ бон райдайы райсомы 5 сахатыл. Йæхи ныхæстæм гæсгæ кæд фæллад вæййы, æмæ йæм хаттæй-хатт зивæджы хъуыдытæ фæзыны, уæддæр куыддæр йæ хъæрмуатмæ бахизы, афтæ йын цыдæр æрбавæййынц. Йæ куыст йæ уыдæй фылдæр уарзы. Уый тыххæй хъæрмуаты кусгæйæ фæллайгæ нæ, фæлæ уæнгрог свæййы, раст цыма йыл базыртæ баззайы, афтæ. Уæдæ зæхх дæр Геннадийæн уыдæнцой у. Геннадий ныр авд азы зайын кæны пъæмидортæ æмæ джитритæ. Райдыдта уал æнæ хъæрмуаттæй, фæлæ йæ тыллæгыл æвзæр къæвдатæ æрцыд. Бахъуыд сæ аппарын. Æндæр хос сын нал уыд. Уæд ахъуыды кодта хъæрмуат саразыны тыххæй. Æрбахуыдта кабардинаг специалистты. Уыдон æй сахуыр кодтой æндæр хуызæн кусын. Геннадийы ныхæстæм гæсгæ,дыууæ республикæйы зæххкусджыты æхсæн ницы быцæутæ ис. Адæм кæддæриддæр цæттæ сты кæрæдзийæн баххуыс кæнынмæ. Адæмы хаттмæ ацы хъуыддаджы ничи кæсы, дæ куыст куы уарзай уæд. Геннадий фылдæр архайы хорз мыггаг æрзайын кæныныл, уый йын хуыздæр уæйгонд цæуы. Йæ сæйраг домæн у химикаттæй цух хæрзхъæд продукци æрзайын кæнын. Экологон æгъдаумæ гæсгæ сыгъдæг тыллæг ницавæр химийымæ абардзынæ. Фермер ма худгæйæ бафтауы, раздæр никæй уырныдта, рæсугъд æмæ адджын халсартæ æнæ химикаттæй дæр æрзайын кæнæн кæй ис, уый. Фæлæ хатдзæгтæ фенæн ис. Адæм Дзасохты лæппуйы халсартæ æмæ мыггаг æнæ дызæрдыгæй æлхæнынц. Уымæн æмæ зонынц, нæ сæ асайдзæн. Геннадий рагæй пайда кæны æртæхтæй хуымтыл дон чи калы, ахæм системæйæ. Æнцонархайд у фермерæн. Куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг дæр æй уайтагъд ацаразы. Стыр æхцатæ бакусыныл нæ хъуыды кæны. Сæйрагдæр ын у, йæ фермерон куыст куыд рæза. Ныр та уал йæ бæллиццтæ баст сты хи дыргъдонимæ. Ныридæгæн ын бынат дæр æруыдта. Дунейы куыд зайын кæнынц халсартæ æмæ дыргътæ, уый зонгæйæ, зынтæй уырны, абоны бон ма сыгъдæг æрдзон продукт æрзайын кæнæн ис, уый. Фæлæ Дзасохты Геннадийы хуызæн сæрæн фермертæ сты ацы хъуыддаджы дæнцæгæнхæссинаг. Хи исбон фæфылдæр кæныныл дзы ныхас дæр нæй. Вазыгджындæр у, райсомæй сыстын æмæ фæллой кæнынмæ зæрдæргъæвдæй цæуын, дæ куысты та дæ уд ныууадзын. Афтæ цæргæйæ та нæдæр дæхи, нæдæр иннæты нæ асайдзынæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æцæг у?

Категория:

Новости и СМИ