Фидараты Юрийы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдарæй
Фидараты Юрийы ногæй снысан кодтой Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдарæй. Уый тыххæй сæрмагонд указ бафыста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ведомствойы разамонæджы раздæр систой йæ куысты бынатæй, йæ контракты æмгъуыд кæй фæци, уымӕ гӕсгӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv