Æгъуызарты Мурат архайдта Кавказаг инвестицион форум цæттæ кæныны цæттæгæнæн комитеты æмбырды
Фыццаг вице-премьер Æгъуызарты Мурат архайдта Кавказаг инвестицион форум цæттæ кæныны æмæ аразыны цæттæгæнæн комитеты æмбырды. Видеоконференцийы хуызы æмбырд амыдта бæстæйы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак. Ацы аз форум ацæудзæн Цæцæны сæйраг горæт Грознайы. Уымæй уæлдай мадзалæн фыццаг хатт уыдзæн форумы статус, фæуæрæхдæр ын кæндзысты йæ тематикæ дæр — сесситæ, алыхузон дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Сæйраг нысан — Цæгат Кавказы инвестицион гæнæнтæ фæбæрзонддæр кæнын, регионы социалон-экономикон райрæзтыл бакусын. Сæйраг темæ «Большой Кавказ – от моря до моря». Цæгат Ирыстоны стенд равдисдзæн нæ республикæйы алыхуызон адæмыхæттыты æфсымæрон цард, нæ æгъдæуттæ æмæ культурæ.