Доны хæтæл атыдта

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

Хуылыдз къултæ мидæгæй æмæ æддейы дæр, дымст ламинат æмæ уымæлы тæф. 48-æм скъолайы цур арæзт рæвдауæндоны æрæджы аскъуыдис дондзæуæн хæтæл. Донæй дзы байдзаг цалдæр уаты. Æддæмæ дæр рахъардта. Рæвдауæндоны кусджытæ бацархайдтой, фæстиуджытæ тагъд аиуварс кæныныл. Фæлæ ныййарджытæ уæддæр мæт кæнынц. Цæуыл, уый та базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Ныридæгæн къуыри ацы къорды уат у афтид. Къуырисæры сывæллæтты рæвдауæндоны кусджытæ баййæфтой æнæзæрдæмæдзæугæ уавæр. Сывæллæтты къордтæй иуы уаты доны хæтæл атыдта. Сæ хъазæн - æмæ сæ хуыссæнуæттæ доны бын фесты. Нырма уал сывæллæттæ рæвдауæндонмæ нæ цæуынц, сæ ныййарджытæ та сагъэсы бафтыдысты. Уымæл къултыл хъуына куы схæца, уæд уый тæссаг уыдзæн сывæллæтты æнæниздзинадæн. Тыхст ныййарджытæ бахатыдысты æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæм. Организацийы активисттæ æрбацыдысты рæвдауæндоны уавæр фенынмæ. Къорды `хсæн уыдис санэпидстанцæйы эксперт дæр. Рагагъоммæйы хатдзæгтæ нæма загътой. Баныхас кодтой уат бахус кæнын, стæй къуырийы фæстæ уымæлад æмæ температурæйы бæрæггæнæнтæ базонын. Горæты ахуырады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр банывыл кæнынæн алцыдæр аразынц. Доны хæтæл æвæстиатæй сцалцæг кодтой. Сывæллæтты ракодтой иннæ къордтæм. Наталья Скапко, Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы скъолайы агъоммæйы ахуырады специалист:  «Къуырисæры ацы ахуыргæнæндоны разамонæг бафыста бадзырд ацы къорды сывæллæтты уал иннæтæм бафтауыны тыххæй. Цалынмæ къултæ æмæ пъолтæ бахус уой, уæдмæ сывæллæттæ уыцы уаты нæ уыдзысты. Агъуыст кæронмæ куы бахус уа æмæ дзы æмбæогæ уавæртæ куы уа, уæд сывæллæттæ фæстæмæ уырдæм цæуын райдайдзысты». 48-æм скъолайы цур сывæллæтты рæвдауæндоны ма уыдзæн ноджыдæр иу басгæрст. Хатдзæгтæ скæндзысты сæ куысты фæстæ. Кæд специалистты хъуыдымæ гæсгæ, сывæллæтты æнæниздзинадæн уаты тæссаг уа, уæд дзы бындурон цалцæг скæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Доны хæтæл атыдта

Категория:

Новости и СМИ