Рагацауы бæрæггæнæнтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Муниципалон æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ абон фехъусын кодтой Центрон æвзарæн къамисы пресс-конференцийы. Къамисы секретарь Ольга Маркова куыд загъта, афтæмæй хъæлæсгæнджыты нымæц æппæты фылдæр уыдис Æрæфы районы. Хайæдтæм æрбацыдысты æвзарджыты 63 проценты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, районы æмвæзады `взæрстытæ æрмæст ацы ран кæй цыдысты. Фæразæй парти «Единая Россия» - сæ фарс рахæцыдысты æвзарджыты 52 процентæй чысыл фылдæр. Дыккаг бынат бацахстой «Патриоты России» 18 процентимæ, æртыккаджы та сты Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партийы минæвæрттæ. Иннæ партитæ «рамбырд» кодтой æвзарджыты хъæлæсты 5-гай проценттæй чысыл фылдæр. Иннæ районты æвзæрстой муниципалон сконды минæвæртты æмæ хъæуты хицæутты. Фылдæр æвзарджытæ хайæдтæм æрбацыд Кировы районы. Æдæппæтæй дзы куыстой 13 æвзарæн хайады. Ам дæр размæ рацыдысты «Единая Россия»-йы минæвæрттæ. Йе `взарджыты нымæцмæ гæсгæ бæрæг дары Горæтгæрон район дæр. Ам равзæрстой Куырттатыхъæуы дыууæ депутаты æмæ Дæргъæвсы хъæуы хицауы. Алагиры районы та 2 æвзарæн хайады куыстой Дзуарыхъæу æмæ Зæрæмæджы. Центрон æвзарæн къамисы куыд зæгъынц, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты æмбæлгæ хуызы. Алы хайад дæр байгом æмæ сæхгæдта, цафон æмбæлы, уал сахатыл. Электрон нымайæн фæрæзтæ зынгæ фæрогдæр кодтой хъæлæстæ нымайыны хæс. Æгас республикæйы куыстой 33 æвзарæн хайады. Спайда сæ кодтой, æвзарджыты нымæц 200-йæ уæлæмæ кæм уыдис, уыцы хайæдты. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ æвзæрстыты кæронбæттæн хатдзæгтæ нырма иртæст не сты. Хъæуы ма территориалон æвзарæн къамисты гæххæттытæм банхъæлмæ кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рагацауы бæрæггæнæнтæ

Категория:

Новости и СМИ