Лæмбынæг цæстдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Нæ абоны ныхасы сæр - ахуырады æмвæзад. Ацы къабаз у уæрæх æмæ ахсджиаг. Агуры уæлдай цæстдард. Уымæн æмæ йæ æмбарын хъæуы, абон цы бындур æвæрæм, уый фидæны «мæсыг» у. Нæ фидæн та сты кæстæртæ. Цæуыл сæ сахуыр кæнын хъæуы, уый фæдзæхстгонд у. Ууыл дзуры нæ республикæйы сæргълæууæг дæр. Бæлвырд хæслæвæрдтæ радта йæ ныстуаны. Æмæ мæнæ сахат размæ бæрнон кусджытимæ цы æмбырд сарæзтам нæ иннæ студийы, уым дæр æрцыдысты ахæм хъуыдымæ. Куыд нæ бон у, афтæ ахуырады къабазы хъæуы архайын. Æмæ йыл кусæм, кæй зæгъын æй хъæуы! Ацы аз ахуырадон объекттæ нæ республикæйы зынгæ фæфылдæр сты. Сæйраг горæты, районты, хъæуты сарæзтой скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ уæлæмхасæн ахуыргæнæндæттæ. Æмæ уый нырма ницы у. Ноджы фылдæр ма сæ кæнынц. Ацы аз дæр, Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн цалцæджы фæстæ скъола, районты - сараздзысты ног рæвдауæндæттæ. Æмæ ма æндæр ахуырадон объекттæ дæр. Арæзтадон куыстытæ фæткмæ гæсгæ цæуынц, уый æнæрынцагæйæ алы хат бæрæг фæкæны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Абон дæр уыдис кусæг балцы республикæйы районты. Федта ахсджиаг социалон объектты аразтадтæ. Тускъаты Таймураз йæ кусæг балц райдыдта Дзæуджыхъуы 19 микрорайоны федералон программæмæ гæсгæ цы ног скъола аразынц уымæй. Арæзтадон куыстытæ дзы фæнд кæнынц майы мæймæ фæуын. Федералон бюджетæй сын радих кодтой 740 милуан сомы. Ацы ахуыргæнæндоны руаджы хæстæг скъолаты сывæллæттæ дыгай сменæгай нал ахуыр кæндзысты. Скъолайы проектмæ гæсгæ уыдзæн дыууæ спортивон залы. Волейболæй æмæ баскетболæй хъазæн фæзтимæ. Хицауады сæрдар ма бабæрæг кодта Мичурины хъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтад. Сабитæ фылдæр рæвдауæндæттæм рады лæууынц Æрыдоны районы. Ам сывæллæтты рæвдауæндон дзуапп дæттдзæн æппæт нырыккон домнтæн. Ныртæккæ дзы амайынц дыккæгæм уæладзыг. Ацы объект дæр федералон программæ мæ гæсгæ аразынц. Бюджетæй ацы хъуыддагæн радих кодтой 100 милуан сомы. Æрыдоны районы рынчындоны цалцæггæнæн куыстытæ Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта æнæниздзинадхъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерланимæ. Ам куыстытæ райдыдтой ивгъуыд азы сæрды. Объект сцæттæ уыдзæн ацы аз июны мæй. Рацарæзты фæстæ медицинон уагдоны гæнæнтæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Уымæй уæлдай ма дзы укусдзысты фæлтæрджын специалисттæ дæр. Тускъаты Таймураз ма федта Мæздæджы районы Троицкæйы хъæуы сывæллæтты рæвдауæндонмæ цы уæлæмхасæн бæстыхай аразынц уый дæр. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Лæмбынæг цæстдард

Категория:

Новости и СМИ