Тускъаты Таймураз бæрæг кæны социалон объектты арæзтад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

7 лет назад

Абон Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радон хатт бæрæг кæны социалон объектты арæзтад. Æрмæст Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ ма республикæйы районты дæр. Хицауады сæрдар бабæрæг кæндзæн Горæтгæроны, Алагиры, Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районтæ. Хицауады сæрдар йæ кусæг балц райдыдта национ музейæ. Уым йæ зæрдæмæ нæ фæцыд эскпозитæ куыд æвæрд сты, уый. Дарддæр Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Горæтгæрон район. Октябрьскæйы федта сæйраг парчы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый. Уым ма фæзындзæн спортивон-дзæбæхгæнæн фæз дæр. Ацы хъуыддæгтæн федералон бюджетæй рахай кодтой 8 милуан сомы. Октябрьскæйы хъæуы ма сывæллæтты рæвдауæндоны аразынц уæлæмхасæн бæстыхай. Уый руаджы сабиты рады лæууын нал хъæудзæн. Уымæй уалдай маТускъаты Таймураз федта Куырттаты æмæ Майскийы хъæуты ног амбулаториты арæзтад. Дыууæ объекты дæр срæвдз уыдзысты ноябры. Тускъаты Таймураз пъланмæ гæсгæ бабæрæг кæндзæн 20 объекты. . Йæ кусæг балцы хатдзæгты тыххæй уын радзурдзыстæм нæ дарддæры равдыстыты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тускъаты Таймураз бæрæг кæны социалон объектты арæзтад

Категория:

Новости и СМИ