Террорæн бынат нæй!
Терроризмы амæттæгты номарæн мадзал ацыдис Екатеринбурджы дæр. Адæм æрæмбырд сты "Сау тюльпан", зæгъгæ, мемориалы цур. Сæ митинг бабастой Беслæны теракты цаутимæ. Номарæн æмбырдмæ æрбацыдысты облæст æмæ горæты разамонджытæ, ахуырдзаутæ, студенттæ, æхсæнады архайджытæ, Екатеринбурджы цæрджытæ. Алчидæр сæ загъта йæ хъуыдытæ, терроризм бындзарæй сыскъуынинаг кæй у, мæлæт кæй хæссы, уый тыххæй. Метройы хæстæгдæр станцæйы цур акци адарддæр кодтой. Горæты цæрджытæн фæсивæд сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, терроримæ æнæрынцой тох кæнын кæй хъæуы. Уыцы хъуыды кæм фыст уыд, ахæм гæххæттытæ адæмæн байуæрстой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Террорæн бынат нæй!
Категория:
Новости и СМИ