Мыстулаты Иринæйы номарæн конкурс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

Дзæуджыхъæуы «Металлург»-ты галуаны уыд Мыстулаты Иринæйы номыл арæзт фæндыдзæгъдджыты 3-аг республикон конкурс. Архайдтой дзы республикæйы районты минæвæрттæ, уыдысты 100-йæ фылдæр. Конкурсы домæнтæ зын нæ уыдысты. Архайыны бон дзы уыд 7 азæй - 23 азы онг æрыгон фæндырдзæгъдджытæн. Уæвгæ, Цæгат Ирыстон кæддæриддæр хъуыстгонд уыд курдиатджын адæмæй. Сæхи сæ уарзон дæсныйадæн снывонд кодтой æмæ сæ курдиат æнæвгъауæй лæвар кодтой адæмæн. Æдзух архайдтой сæ чысыл Фыдыбæстæйы кад фылдæрæй-фылдæр кæныныл. Сæ ном та айхъуыст бирæ бæстæтыл æмæ регионтыл. Артист канд йæ бирæ рольтæй, йæ кæфтытæй, йæ зардæй æмæ цагъдæй не вæййы. Стыр ахъаз ын у адæм йе сфæлдыстад сæ зæрдæмæ арф куыд айсынц, уый. Ирон аивадмæ егъау æвæрæн бахастой Æрыдоны районы минæвæрттæ. Цас æмæ цас курдиатджын актерты æмæ музыкантты райдыдтой сæ фæндаг районы культурæйы хæдзары. Уыдоны *хсæн уæлдай бæрæг дарынц Тæбæхсæуты Бало, Саламты Къола, Мыстулаты Иринæ. Фæндырдзæгъдджыты ацы конкурс кæддæр æрхъуыды кодта Мыстулаты Иринæ йæхæдæг. Фæндыд æй æрыгон фæсивæды æргом национ инструментмæ фылдæр раздахын, сæ рæзгæ удты ирон фæндырдзагъдмæ цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад гуырын кæнын. Æмæ кæд Иринæ не`хсæн нал ис, уæддæр йæ рухс ном цæры æмæ цæрдзæн æнусмæ. Уымæн та æвдисæн - ацы конкурс рох кæй нæу, уый. Артисткæйы бинонты хъæппæрисæй арæзт æрцыд 3-аг хатт. Уæлдай тынгдæр ыл бацархайдта та йæ чызг Хуытыгаты Маринæ. Конкурс арæзт цæудзæн дыууæ азæй-дыууæ азмæ, архайджыты фæндырдзагъæдæн та аргъ кæндзысты ирон культурæмæ, уæлдайдæр та ирон фæндырдзагъдмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон. Ацы хатт æрыгон музаканттæн аргъ кодтой Хуытыгаты Маринæ, Дзуццаты Сослан, Лалыты Хъазыбег, Æбиты Валери, Ходы Олег. Архайджыты а дих кодтой дыууæ къордыл: иунæгæй æмæ къордты чи цæгъды, ахæмтыл. Сæ кармæ гæсгæ та уыдысты 7 азæй-23 азы онг. Сæйраг домæнмæ гæсгæ хъуамæ акодтаиккой дыууæ цагъды: иу Мыстулаты Иринæйы фыст мелоди, иннæ та - Иринæ цы адæмон цагъдыл бакуыста, ахæм. Конкурсы гала-концерты сæ арæхстдзинад равдыстой конкурсы хуыздæртæ. Цæгат Ирыстоны артисттæ сæ схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй, радтой сын æхцайы премитæ. Нæ бавгъау кодтой сæ арфæйы ныхæстæ дæр. Æппæты хуыздæр фæндырдзæгъдæгæн та балæвар кодтой фæндыр. Конкурсы уæлахиздзауыл банымадтой Гергиты Валерийы номыл музыкалон колледжы хъомылгæнинаг Тедеты Азæмæты. Ацы конкурс алкæйы зæрдæйы дæр ныууадздзæн арф фæд. Разæнгард сæ кæны иннæ конкурсмæ сæхи ноджы хуыздæр бацæттæ кæнынмæ. Чи зоны æмæ нæм ахæм конкурсты фæрцы фæзындзысты Мыстулаты Иринæ æмæ Гæздæнты Булаты хуызæн рæсугъд цагъд дарддæр чи кæндзæн, ахæм музыканттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Мыстулаты Иринæйы номарæн конкурс

Категория:

Новости и СМИ