Ацæуæн нæй!
200 хæдтулгæйы æнхъæлмæ кæсынц, кæд байгом уыдзæн арвыкомы фæндаг, уымæ. Контролон-уадзæн пункт Уæллаг Ларсы кусы хъармгæнæн пункт. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæндаг сæхгæдтой бон раздæр, Гуырдзыйы боныхъæд кæй февзæрдæр, уый аххосæй. Уæллаг Ларсы ма рад хæссы бæллæхты медицинæйы уæлæмхасæн экипаж. Нырма уал Гуырдзыйы мит уары, зæгъынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Машинæтæн цæуыны бар кæд уыдзæн, уый бæлвырд нæма у. Хъуамæ уал фæндаг ссыгъдæг кæной. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, Транскам дæр у æхгæд. Буронмæ хæстæг кусы хъармгæнæн пункт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ацæуæн нæй!
Категория:
Новости и СМИ