Уыдзæн æви нæ?
Цалдæр азы, Фыййагдоны цæрджыты хæдзæртты фыр уазалæй æрлæууæн дæр нæ уыд. Æрвылаз сæ хъуыд газ балæттæй пайда кæнын. Ацы хъуыддаг бирæ къуылымпыдзинæдтæ æвзæрын кодта. Ацы аз хъуыддаг хуыздæры `рдæм аивта. Хъæумæ газы хæтæлтæ бауагътой. Цæрджытæ бæргæ цин кодтой, фæлæ сын бирæ нæ ахаста. Ныр дарддæдр, газы хæтæлтæ сæ хæдзæрттæм, хъуамæ сæхи тыхтæй бауадзой. Адæм фæдисы бацыдысты, уый ты куыд, зæгъæ? Фиагдоны цæрджытæ 10 азы æнхъæлмæ кастысты, сæ хæдзæртты æрдзон газ кæй фæзындзæн, уымæ. Цалдæр мæйы размæ Фиагдоны кадджын уавæры байгом кодтой газуадзæн хæтæл. Адæм бацин кодтой, суг сæттын сæ кæй нал хъæудзæн æмæ алайы тæф кæй нал кæндзысты, ууыл. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй адæм хъуамæ сæхи хардзæй хæдзæрттæм бауадзой газ. Фиагдоны цæрджытæ уыцы хъуыдыимæ разы не сты æмæ хъаст кæнынц. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уыцы хæрдзты фаг хъуамæ æхца радих кодтаиккой. Ныртæккæ газ дæттæн системæйæ ифтонггонд сты скъола, сывæллæтты рæвдауæндон, рынчындон, культурæйы Галуан, 15 хи хæдзары, уæладзыгон бæстыхæйттæй та 4. Иннæ цæрджытимæ Фиагдоны администрацийы бахъæуы æрвылбон ныхас кæнын. Фиагдоны цæрджытæн хорз уавæртæ хъуамæ сарæзтаиккой «Газпром»-ы руаджы. Цæмæй адæм артагæй пайда кæнын райдайой, уый дæр ацы кусытуаты бæрны уыдис. «Хъæугæ гæххæтытæ хъуамæ Алагиры филиалы ныфыссой. Уæд æппæт хъæугæ куыстытæ сæрмагонд пъланмæ гæсгæ баххæст кæндзысты», — «Газпром»-ы фæлхасгæнджытимæ куысты хайады сæргълæууæг Едзаты Руслан. Фиагдоны администраци цæрджытæн зæрдæтæ æвæры, ног азы размæ алы хæдзар дæр æрдзон газæй кæй сифтонг уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уыдзæн æви нæ?
Категория:
Новости и СМИ