Хæххон Дыгуры туристтæн æмбæлгæ уавæртæ аразын райдайдзысты 2020 азы
Хæххон Дыгуры туристтæн æмбæлгæ уавæртæ аразын райдайдзысты иннæ аз. Федералон бюджетæй рахай кæндзысты 700 милуан сомæй фылдæр, республиконæй та – 50 милуаны. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг уал райдайдзысты турисстæн сæрмагонд бæстыхæйттæ аразын. Базилдзысты ныры онг дзы цы объекттæ ис, уыдон дæр. Уымæй уæлдай ма фæнд кæнынц Цыкола- Мацутæ- Комы-Арты фæндаг сцалцæг кæнын. Субсидитæ цæмæй радих кæной, уый тыххæй ныртæккæ кусынц сæрмагонд бадзырдтæ бафыссыныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хæххон Дыгуры туристтæн æмбæлгæ уавæртæ аразын райдайдзысты 2020 азы
Категория:
Новости и СМИ