Республикæйы районты цалцæггонд цæуынц медицинон уагдæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Медицинон уагдæттæ цалцæггонд цæуынц республикæйы районты дæр. Хъæуты аразынц фелшырон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ. Ног бæстыхæйттæ иу иннæйы фæдыл гом кæнынц. Зæгъæм, ахæм æхсызгон лæвар æрæджы бакодтой Тарскæйы цæрджытæн. Хъæуы байгом кодтой ног амбулатори. Арæзтадон куыстытæ цыдысты сæрмагонд федералон программæйы фæрæзты руаджы. Ныр бынæттон цæрджытæн фæзынд фадат хæрзхъæд медицинон æххуыс фенынæн. Заууат бынæтты бæсты ног æмæ райдзаст агъуыстытæ, зæронд медицинон ифтоггæрзты бæсты нырыккон технологон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæ. Тарскæйы хъæуы цæрджыты ныр нал хъæуы тыхсын сæ амбулаторийыл. Ныртæккæ адæмæн сæ бон у бацæуын ног арæзт бæстыхаймæ. Горæтгæрон районы центрон рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг Наниты Аскеры ныхæстæм гæсгæ, амбулатори кусы æртæ къуырийы, фæлæ чысыл рæстæгмæ æххуыс бирæ адæм бацагуырдтой. Хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй зæронд рынчындоны боныгон дзæбæхгæнæн хайадæй уæлдай ма ам уыд æхсæвиуат кæм кодтой, ахæм бынат дæр. Медицинон æххуыс райсынмæ цыдысты нæ республикæйы алы районтæй, стæй ма уымæй уæлдай иннæ регионтæй дæр. Фæлæ цалцæггæнинаг кæй уыд, уый тыххæй йын йæ бæсты сарæзтой амбулатори. Наниты Аскер куыд бафиппайдта, афтæмæй зæронд бæстыхай сцалцæг кæнынмæ чысыл фæрæзтæ нæ хъуыд, стæй Тарскæйы уый бæрц адæм нæ цæры, цæмæй дзы ахæм рынчындон æххæстæй куса, уый тыххæй. Фæлæ ныры онг бонæй дзæбæхгæнæн хайад æппæт уыцы хъæндзинæдтæ аиуварс кодта. Хæмыцаты Ритæ бирæ азты дæргъы фæллой кæны Тарскæйы цæрджытæн. У амбулаторийы разамонæг. Куыд зæгъы, атфæмæй уавæртæ зынгæ кæй фæхуыздæр сты, уый тыххæй куыст дæр фæрогдæр ис. Раздæр ахæм аив бынаты нæ фæллой кодта.  Ныр Тарскæйы амбулатори ног фæткмæ гæсгæ кусдзæн къуырисæрæй-сабатмæ. Адæмæн сæ бон уыдзæн хъæугæ медицинон æххуыс райсын райсомы 8 сахатæй - изæры 8 сахатмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы районты цалцæггонд цæуынц медицинон уагдæттæ

Категория:

Новости и СМИ