Дзæуджыхъæуы Нымæты хæдзар сси галерей

Нарты Уырызмæг, Сырдон æмæ Батразы нывæфтыдтæ къулыл. Раст цыма уарзон хъайтартæ ныртæккæ исты радзурдзысты, афтæ кæсы адæймагмæ. Зæринхуыз ахорæнтæ æмæ рухсытæ нывтæ ноджы хъæздыгдæр æмæ цымыдисагдæрæй æвдисынц. Агъуысты фæзилæнтæ сты националон ахорæнты. Куы 'рбахызтæн, уæд мæм афтæ фæкаст, æмæ лæгæты дæн. Уæд мæм фæзынд ацы дизайны хъуыды дæр, - зæгъы адæмон æрмдæсныты ассоциацийы сæрдар Бзарты Аланæ. Дзæуджыхъæуы Нымæты хæдзар рацарæзтой ног, нырыккон хуызы. Алы куысты цур дæр адæймаджы фæнды фæфæстиат уæвын, лæмбынæг æм æркæсын. Кавказаг къуымбилæй гауызтæ, басылыхъхъ, нымæтæй æмæ экологон æгъдауæй бирæ æндæр сыгъдæг дзауматæ. Арт-тыгъдад, галерей, ам аразæн ис алыхуызон нырыккон мадзæлттæ. Ис сæм æндæр брендимæ æмгуыстады фæдыл бадзырдтæ дæр. Ам ис республикæйы алыхуызон дизайнерты уæлæдарæс æмæ дзауматæ. Зæгъæм, ацы сыкъатæ аразы Засеты Алан. Иу сыкъа скæнынæн бахъæуы мæйæ фылдæр. Ацы гæрзтæн æмбал нæй. Нæлгоймаг ацы куыст кæны бирæ азты дæргъы. Лофт кæй байгом уыдзæн, уый тыххæй базыдта æнæнхъæлæджы. Æрбадзырдтой мæм, дæ куыстытæ равæр, зæгъгæ, æмæ афтæмæй ныр æмгуыст кæнæм, зæгъы Зассеты Алан. Куклатæ, цыллæ кæлмæрзæнтæ, авгæй арæзт цымыдисаг дзауматæ. Се 'ппæт дæр хи къухæй конд. Ахæм галерей сцымыдис кæндзæн канд бынæттон цæрджыты нæ, фæлæ уазджыты дæр. Ис сын аргъ скæнæн æмæ балхæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
38 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии