Республикæйы арæзт æрцыд олимпиадæ авиамоделон спортæй

Æппæтæй ахсджиагдæр у тæхæн аппарат арвмæ раст суадзын. Æмæ чысыл Заурбег йæ хæс хорз сæххæст кодта. Спортсменыл цæуы æрмæст 8 азы. Фæлæ йын ацы ерыстæ фыццаг не сты. Тынг уарзы йæхи къухтæй исты аразын. Хæрз чысылæй дæр иу хъазæнтæй хъазгæ нæ кодта, фæлæ сæ иу райхæлдта æмæ фæстæмæ сæмбырд кодта. Цымыдисаг æм кастис куыд арæзт сты, уый. Ныр та æмбырд кæны хæдтæхджытæ. Ерыстæм спортсментæ сæхи райсомæй райдайынц цæттæ кæнын. Сывæллæтты фæхъæуы 5 туры ацæуын, хистæрты та 7. Алы къæпхæн дæр 55 минуты. Ам ахсджиаг у алцыдæр - дымгæйы здæхт, уæлдæфы æлхъывдад æмæ температурæ. Иннæ регионтæй архайджытæн уыд зындæр. Уыдон сæхи ам нæ цæттæ кодтой æмæ уымæн климæт хорз нæ зонынц. Фæлæ иуæй-иутæ бон раздæр æрбацыдысты ерыстæм. Федтой фæзуат, тренировкæтæ дзы скодтой. Мæскуы, Петербург, Стъарапол, Самара, Краснодар, Королев æмæ Кæсæг-Балхъар. Æдæппæтæй 60 архайæджы. Алкæйы дæр сæ фæндыд хуыздæры ном райсын. Дæсны планеристтимæ иумæ хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц скъоладзаутæ дæр. Уый та бæстон тренировкæты 'руаджы. Бирæ бакуыстой сæ хæдтæхджытыл дæр. Æфтыдтой сæм алыхуызон хæйттæ, фæндыд сæ иттæг хорз модель саразын. Æмæ ныр рагæй цы хæдтæхджытыл куыстой, уыдоны суадздзысты арвмæ. Тагъд рæстæджы республикæйы ацæудзæн радон къæпхæн. Архайдзысты дзы æппæт бæстæйы минæвæрттæ дæр. Фылдæр уыдзæн спортсменты нымæц, уый ты бæрзонддæр кæны ерысты æмвæзад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
8 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии