Æнæниз уæвын!
Нæ равдысты кæронбæттæн ма ахæм хъусынгæнинаг. Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн Олимпаг парчы сбæрæг кодтой Физкультурничы æппæтуæрæсеон бон. Йæ аразджытæ уыдысты Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци æмæ коммерцион компанитæ. Бæрæгбоны программæйы фенæн уыдис зындгонд спортсменты дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Архайдтой дзы дунеон ерысты уæлахиздзау къуххæстæй Мæхъиты Иринæ, стæй Гулаты Æхсарбег – Уæрæсейы чемпион, дунейы ерысты призер уæгъдибар хъæбысхæстæй. Бæрæгбоны уазджытæ федтой айкидойæ дæсныйады равдыстытæ, архайдтой интеллектуалон хъæзтыты. Конкурсты уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыд кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Иу хатт ма йæ фæнысан кæндзыстæм, Физкультурниччы бон Уæрæсейы æрвылаз кæй бæрæг кæнынц 1939-æм азæй фæстæмæ. Боныхъæды аххосæй фæлладуадзæн бонты мадзал саразын нæ рауад. Фæлæ абон æнæниз царды уагыл хæст чи у, уыдон бæрæгбонæй разыйæ баззадысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæниз уæвын!
Категория:
Новости и СМИ