Кус æмæ дын уыдзæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Хъæууон хæдзарады министрад дарддæр йæ цæст дары фермертæм æмæ зæххы куыст чи кæны, уыцы амалхъом адæммæ. Æппæты хуыздæртæм цæттæ сты гранттæй фæкæсынмæ. Фенынмæ æмæ сын сæ архайдимæ базонгæ уæвыны нысанимæ хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазбег уыд Æрыдоны районы. Бабæрæг кодта цалдæр фермæйы. Нæ уацхæссæгмæ бæлвырддæр хабæрттæ. Ацы хæдзарады ставд фæткъуытæй уæлдай ма зайы чылауитæ, алтъамитæ, нектаринтæ, къабуска, картоф æмæ цæхæра. Ныр 35 азы фермерон хæдзарад «Кардио» фæлхасгæнджыты æфсады экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ хæрзхъæд продукцийæ. Халсартæ æмæ бæлæстæ апарахат сты 400 гектарыл. Æрæджы сын фæзынд дыргъæмбырдгæнæн дæр. Фермертæ йæ сæхи хъæппæрисæй сарæзтой. Гогаты Аслæнбег куыд загъы, афтæмæй фаг хъæууон хæдзарады продукци уадзынц. Æрмæст бакусын хъæуы сæ уæй кæныныл. Æрæджы кусæг балцы рæстæг хæдзарад «Кардио» бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр . Æддæппæтæй æркаст паддзахадон грант райсыны конкурсмæ курдиат бадæттын кæмæн у, ахæм 5 фермæйы. Зæгъæм, фарон гранттæ райстой æрмæстдæр хъармгæнæн æмæ кæсагдарæн хæдзарад. Хæдзарæдтæн сæ бон канд Гранттæ райсыны нæу. Ис ма льготæтæм гæсгæ æхца æфстау райсын. Профилон министрад æмæ хъæууон хæдзарадон банк цалдæр азы æххæст кæнынц фермертæн æххуысы программæ. Ахæм æмгуыстад æмæ æххуыс дæтты хорз бæрæггæнæнтæ. Уымæй гæсгæ амалхъом адæмимæ кусынц дарддæр дæр. Ацы аз гранттæн радих кодтой 172 милуан сомы. Иннæ аз фæфылдæр уыдзæн 270 милуан сомы онг. Профилон ведомствæты куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фермæтæ иннæ азы разæнгарддæрæй кусдзысты. Сæ ныфс дарынц 2020 азмæ бæркадджын тыллæг кæй сисдзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кус æмæ дын уыдзæн

Категория:

Новости и СМИ