Касаты Аслæнбег
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы разамонæгæй снысан кодтой Касаты Асланбеджы. У Абайты Васойы номыл паддзахадон республикон стипендийы лауреат. Абон æй музейы разамындимæ базонгæ кодта республикæйы национ музейы директор Цогойты Батрадз. Фæнысан кæндзыстæм, ирон литературæйы музейы бындур æрæвæрттой 1939 азы, Хетæгкаты Къостайы райгуырды 80 азы юбилейы фæдыл. Музейæн 36 азы дæргъы разамынд лæвæртта Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Томайты Мишурхан. Абон та музейы ног разамонæг Касаты Аслæнбег у нæ студийы уазæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Касаты Аслæнбег
Категория:
Новости и СМИ