Севастополы байгом кодтой Къесаты Астаны номыл сквер
Севастополы байгом кодтой Къесаты Астаны номыл сквер. Бынаты ис йæ цыртдзæвæн дæр. Арæзт у Ирыстонæй цы дур сластой, уымæй. Сквер абон байгом кодтой кадджын уавæры. Мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Севастополы губернаторы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаил Развожаевимæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Скверы та, ныссагътой тæрсы талатæ. Уыдон дæр фæхæццæ кодтой Цæгат Ирыстонæй. Битарты Вячеслав Севастополы хицауадæн æмæ цæрджытæн загъта арфæйы ныхæстæ, Къесаты Астаны кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй. Кадджын мадзалы арахайдта Къесаты Астаны чызг Ларисæ дæр. Уый Битарты Вячеславæн загъта бузныг, кæй æххуыс кæны не`мзæххоны кад бæрзонддæр кæнынæн. Севастополы Къесаты Астаны номыл ис уынг æмæ скъола. Ахуыргæнæндоны байгом кодтой музей, равæрдтой дзы йæ дзаумæттæ æмæ дæлдон тыхты æвдисæндартæ. Дыууæ азы размæ та скъолайы кæрты фæзынд хъæбатыры кадæн цыртдзæвæн. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты рæстæг Къесаты Астан ацыд 14 хæстон балцы, сарæзта 10 торпедон бабырсты. Йæ лæгдзинады тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Советон Цæдисы хъæбатыры номæй. Уыимæ ма Ленины номыл орден æмæ «Сызгъæрин Стъалы»-йы майданæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Севастополы байгом кодтой Къесаты Астаны номыл сквер
Категория:
Новости и СМИ